12 «Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.
Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди.
Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта, цу ӕмӕ, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн, самидин кӕнын дын ӕй бантысдзӕни, зӕгъгӕ.
Афтӕмӕй ныр пехуымпарты уылты уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын Дунедарӕджы фӕндон у».
Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.
Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!
Иу бон та Иовы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой.
Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?
Ӕгӕр сӕ никуы бафхӕрдта, Йӕхи-иу сыл куы атигъ кодта, уӕд дӕр. Скӕсӕйнаг дымгӕйау сӕ иуварс фехста Йӕ карз раулӕфтӕй.
Паддзах Цедекиа сын дзуапп радта: «Уӕ бар ыл цӕуы. Сымах цы нӕ фӕнды, ахӕмӕй паддзахӕн йӕ бон саразын ницы у».
Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй.
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.