4 Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси.
дӕтты сӕрмӕ айтыгъта зӕхх — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,
Моисей йӕ лӕдзӕгӕй февзыста Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл Дунедарӕг скӕсӕйнаг дымгӕ рауагъта. Дымгӕ ӕгас бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв фӕдымдта, ӕмӕ райсомӕй скӕсӕнӕй йемӕ мӕтыхтӕ ӕрбахаста.
Дунедарӕг ныгуылӕнӕрдыгӕй рауагъта уаддымгӕ. Уаддымгӕ мӕтыхты фелвӕста ӕмӕ сӕ Сырх денджызы баппӕрста. Иу дӕр сӕ нал аззад Мысыры зӕххыл.
Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.
Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.
Уый куы фӕзӕгъы, уӕд рауары къӕвда, зӕххы кӕрӕттӕй ӕрбамбырд кӕны мигътӕ. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Йӕ фӕндонӕй ферттивы арв, Йе ’мбӕхсӕнтӕй рауадзы дымгӕ.
Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Дунедарӕджы фӕндонӕй дымгӕ сыстад ӕмӕ денджызӕй уӕрццыты бал ӕрбахаста рӕсӕнуатмӕ. Рӕсӕнуаты алфамбылӕйтты, рӕсӕнуатӕй бонцау ӕддӕдӕр алырдӕм дӕр, дыууӕ ӕлмӕрины бӕрц зӕххы сӕрмӕ ныццӕнд сты уӕрццытӕ.