Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иоел 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 уымӕн ӕмӕ Мын Ме ’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иоел 3:5
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Иудейы паддзах Иоас райста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудейы паддзӕхтӕ — Иосафат, Иорам ӕмӕ Ахазиа — Кувӕндоны къӕбицмӕ цы уаз дзауматӕ бахастой, стӕй Кувӕндоны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон, ӕмӕ сӕ Арамы паддзах Хазаелӕн арвыста. Ӕмӕ уӕд уый Йерусалиммӕ нал бабырста.


Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон дӕр Ахаз лӕварӕн арвыста Ассирийы паддзахӕн.


Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы фыртты Мысырӕй Чи ракодта, Уый!»


Вавилоны сахарӕй чи раирвӕзт, уыцы лигъдӕтты хъӕр хъуысы. Ӕмӕ ныр базондзысты Сионы, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ Кувӕндоны маст кӕй райста, уый.


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ сын рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕм, Ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн, сисдзынӕн уӕ уырдыгӕй ӕмӕ уӕ Израилы зӕхмӕ ӕрбакӕндзынӕн.


Йӕ фыдӕлты Хуыцауы бӕсты скад кӕндзӕни фидӕрттыл аудӕг хуыцауӕн — йӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уымӕн. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон хӕзнатӕй йӕ сбуц кӕндзӕн.


Фӕлӕ Сионы хохыл бирӕтӕ фервӕздзысты, ӕмӕ суыдзӕнис уаз бынат, Йаковы хӕдзар райсдзӕни йӕ исбон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ