30 Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та — къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.
Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый та зӕххон у ӕмӕ ныхас кӕны зӕххонау. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй уӕлдӕр у.
Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.
Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».