28 Ӕз цы дзырдтон, уымӕн уӕхӕдӕг стут ӕвдисӕнтӕ: „Ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ Йӕ разӕй ӕрвыст дӕн“.
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Иоанн уыди, пехуымпар Исайа рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».
Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай
уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта: «Чырысти нӕ дӕн».
Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“».
Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?»
мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».