16 Петр та лӕууыди дуары ӕдде. Алчеримӕ зонгӕ чи уыд, уыцы ахуыргӕнинаг рацыд, загъта дуаргӕс сылгоймагӕн ӕмӕ Петры мидӕмӕ бакодта.
Ныр Петр та кӕрты бадти. Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕм бацыди ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ».
Бӕстыхицаумӕ уыдис ахӕм ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу суӕгъд кодта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыдис, иу ахӕм ахӕсты.
Пилат-иу алы бӕрӕгбоны дӕр, адӕмы курдиатмӕ гӕсгӕ, иу ахӕсты ссӕрибар кодта.
Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»
Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Родӕ.