7 Сымах Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат. Ӕмӕ Йӕ нырӕй фӕстӕмӕ зонгӕ дӕр кӕнут ӕмӕ Йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат».
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.
Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.
Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.
Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иу, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, Мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый.
Ӕз сын раргом кодтон Дӕ ном ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Ды Мын дунейӕ цы адӕмы радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.
Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.
Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс
Фыссын уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.