30 Уӕд сын Йесо загъта: «Уыцы хъӕлӕс Мӕн тыххӕй нӕ уыди, фӕлӕ сымах тыххӕй.
Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй цин кӕнын сымахыл, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».
Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ афтӕ, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон — цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».
Ныр ацы дунейӕн йӕ Тӕрхоны Бон ралӕууыд, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тард ӕрцӕудзӕни.
Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.