29 Мариа уый куы фехъуыста, уӕд фестади ӕмӕ Йесойы размӕ атындзыдта.
Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны, афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Марфӕ ацыди ӕмӕ аивӕй бамбарын кодта йӕ хо Мариайӕн: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».
Йесо хъӕумӕ нӕма бахӕццӕ ис; Марфӕ Йыл кӕм фембӕлдис, уыцы ран баззади.