9 Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?
Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.
Мӕнгӕрдты фӕндтӕ ӕрбайхалы, сӕ къухтӕ сын фӕцыбыр кӕны.
Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.
Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.
Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Фараоны куырыхонтӕ, йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ, ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц. Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты байзӕддаг схонын?
Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».
Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд, уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!
Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.
Сауджынтӕ Мӕ нал агурынц, Ӕгъдау амонджытӕ Мӕ нал зонынц. Уӕ фӕтӕгтӕ Мӕ ныхмӕ сыстадысты, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ дзурынц Баалы номӕй, ӕнӕпайда гуымирытӕн лӕггад кӕнынц.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?
Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.
Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.
Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.
Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“
уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.