Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 7:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ уыцы бынат Тофет ӕмӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф, ӕмӕ Тофеты зӕххыл ингӕнтӕн бынат нал фаг кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 7:32
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Иосиа фӕчъизи кодта, Хинномы байзӕддӕгты дӕлвӕзы цы кувӕн къуыбыр уыди, Тофет, зӕгъгӕ, уый дӕр, цӕмӕй уым Молохӕн арты нывондӕн мачи хӕсса йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы.


ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: дурынгӕнӕджы дурын куыд ныппырх ис ӕмӕ йӕ ӕрӕмбырдгӕнӕн куыннӕуал ис, афтӕ Ӕз ацы сахар ӕмӕ ацы адӕмы ныззыгуым кӕндзынӕн. Ӕмӕ Тофеты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнынӕн бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


ӕмӕ ацу Хинномы фырты дӕлвӕзмӕ, Дурынгӕнӕджы кулдуары фалемӕ. Уыцы ран Мын Мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн:


Уымӕ гӕсгӕ ралӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы зӕхх Тофет кӕнӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф.


Абон мӕрдтӕ ӕмӕ фӕнычы бын чи фӕци, уыцы дӕлвӕз, Кедроны цӕугӕдон ӕмӕ, скӕсӕны чи ис, уыцы Бӕхы кулдуары онг цы быдыртӕ ’ххӕссынц, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы уаз зӕххы хай суыдзысты, никуыуал сӕ ничи ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн».


Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!


Уӕ нывондхӕссӕнтӕ ныггӕныстон уыдзысты, хуры кадӕн уӕм цы будсудзӕн цӕджындзтӕ ис, уыдон дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, уӕ мӕрдты уын уӕ гуымирыты раз аппардзынӕн.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ