17 Ау, Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цытӕ кӕнынц, уый нӕ уыныс?
Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.
Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.
Мах нӕ сомытӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, нӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ фӕтӕгтӕ раздӕр Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты куыд кодтой, афтӕ. Уыцы заман мах уыдыстӕм ӕфсӕст ӕмӕ амондджын, фыдбылыз цы у, уый нӕ зыдтам.
Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».
Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.
«Йеремиа, Ӕз дӕуӕй сарӕзтон згъӕртайынгӕнӕг, мӕ адӕмӕй та — згъӕрдур, цӕмӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕй аргъ сты, уый базонай.
Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.
Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.
Адон фӕрцы басабыр уыдзыстут, сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сын куы фенат, уӕд, ӕмӕ базондзыстут, Йерусалимӕн ӕппӕт уыдӕттӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ бакодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.