Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 52:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Иоакимӕн йӕ ахӕстоны дарӕс раивын кодта, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ паддзахимӕ иу фынгыл бадти.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 52:33
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фараон арвыста Йосефмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Йосефӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныддастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.


Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Мефивошет царди Йерусалимы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр паддзахимӕ иу фынгыл бадти. Йӕ дыууӕ къахӕй дӕр къуылых уыдис.


Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».


Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны ’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де ’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты.


Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн.


Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.


Зӕд, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта: «Раласут ын йӕ чъизи дарӕс». Йӕхицӕн та йын загъта: «Дӕ азым дын систон, ныр дыл бӕрӕгбоны дарӕс скӕндзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ