Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 52:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дыууын ӕртыккӕгӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ма хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иудейӕгтӕй ноджыдӕр уацары райста авдсӕдӕ цыппор фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕтӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 52:30
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.


Вавилоны паддзах Навуходоносоры паддзахиуӕджы нудӕсӕм аз, фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм бон, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, йӕ бӕрнондӕр лӕггадгӕнӕг, Йерусалиммӕ ӕрбацыд


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Мӕгуыртӕй иуӕй-иуты ӕмӕ, сахары цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, стӕй Вавилоны паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдоны хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иууылдӕр уацары акодта. Ӕрмӕст ма сӕндӕтты ӕмӕ быдырты кусынӕн мӕгуыртӕй иу цасдӕр ныууагъта.


Навуходоносор ӕстдӕсӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд та Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты астсӕдӕ ӕртын дыууӕ адӕймаджы.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Израилӕй ма цы баззади, уыдон иууылдӕр сӕнӕфсирау, фӕстаг гагайы онг, ӕртондзысты. Сӕнӕфсир тонӕгау къалиутӕм баиваз дӕ къух!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ