Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 52:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Навуходоносор ӕстдӕсӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд та Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты астсӕдӕ ӕртын дыууӕ адӕймаджы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 52:29
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй йемӕ райста, Хараны сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый. Йемӕ ма ракодта, цы цагъартӕ йӕм уыд, уыдоны дӕр ӕмӕ семӕ араст ис Ханааны зӕхмӕ; кӕддӕр-кӕддӕр ӕм бахӕццӕ сты.


Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.


Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ.


Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.


Паддзах Цедекиа Иудейы дӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман Навуходоносоры паддзахдзинадыл цыди ӕстдӕсӕм аз.


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.


Навуходоносор йӕ хицаудзинады ӕвдӕм аз уацары райста ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ иудейаджы,


Дыууын ӕртыккӕгӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ма хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иудейӕгтӕй ноджыдӕр уацары райста авдсӕдӕ цыппор фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕтӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ