Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 52:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 52:20
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аг лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ — скӕсӕнӕрдӕм. Галтӕн сӕ чъылдымтӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ, аджы бынмӕ, здӕхт.


Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг.


Дунедарӕджы хӕдзарӕн Соломон цы дыууӕ цӕджындзы, ӕрхуы денджыз ӕмӕ суанцъытӕ саразын кодта, уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.


Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.


Соломон ӕрхуыйӕ цы дзауматӕ скӕнын бафӕдзӕхста, уыдон уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сыл ӕрхуы цас ацыди, уымӕн банымайӕн дӕр нӕ уыди.


Халдейӕгтӕ ныппырх кодтой Дунедарӕджы хӕдзары ӕрхуы цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ ӕмӕ ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр аластой Вавилонмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ