17 Халдейӕгтӕ ныппырх кодтой Дунедарӕджы хӕдзары ӕрхуы цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ ӕмӕ ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр аластой Вавилонмӕ.
Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты.
Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.
Дыууӕ цӕджындзы, стӕй, йӕ быны дыууадӕс ӕрхуы галы кӕмӕн уыд, уыцы ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн саразын кодта паддзах Соломон. Уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.
Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон!
Тыргъӕн йӕ уӕрх — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Цыди йӕм дӕс къӕпхӕны. Кулдуары фӕйнӕфарс къултӕн сӕ разы лӕууыди фӕйнӕ цӕджындзы.
Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.