14 Хъахъхъӕнджыты хицауимӕ цы халдейаг хӕстонтӕ уыди, уыдон Йерусалимы систӕ дӕр ныззыгуым кодтой.
Халдейӕгты ӕфсад, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицау йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Йерусалимы алыварс цы систӕ уыди, уыдон дӕр ныппырх кодта.
Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.
Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.
Йӕ хӕдзар сафтид кодта мусонгау, ныззыгуым кодта Йе ’мбырдты бынат! Бӕрӕгбӕттӕ ’мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ Сионы рох ӕрцыдысты Йӕ фӕндонӕй. Фыр мӕстӕй Йе ’ргом аздӕхта паддзах ӕмӕ сауджынӕй.
Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.
Паддзах вавилойнаг куырыхонты амарын бабар кодта Ариохӕн, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицауӕн. Даниил Ариохмӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Паддзах ахӕм карз тӕрхон цӕмӕн рахаста?» Уый Даниилӕн хъуыддаг бамбарын кодта.