Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 52:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уый фӕстӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахта ӕмӕ йӕ хъадаманты акодта Вавилонмӕ. Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ ахӕстоны фӕдардта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 52:11
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна.


Йӕ хӕдзар сафтид кодта мусонгау, ныззыгуым кодта Йе ’мбырдты бынат! Бӕрӕгбӕттӕ ’мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ Сионы рох ӕрцыдысты Йӕ фӕндонӕй. Фыр мӕстӕй Йе ’ргом аздӕхта паддзах ӕмӕ сауджынӕй.


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


«Сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уый амӕлдзӕни, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы сахары, Вавилоны, уымӕн ӕмӕ ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд.


Гӕрзифтонгӕй дӕм ӕрбацӕудзысты бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттимӕ, сӕ бирӕ ӕфсадимӕ, алырдыгӕй дыл ӕртыхсдзысты згъӕрхӕдӕттӕ, такатӕ ӕмӕ уартытимӕ. Ӕз дӕ сӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын сӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стӕрхон кӕндзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ