8 Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».
ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».
Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.
Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.
Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй.
Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.
Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын.
«Адӕмты ’хсӕн фехъусын кӕнут! Уӕ тырыса сисут нысанӕн! Ныхъхъӕр кӕнут, мацы басусӕг кӕнут, зӕгъут сын: „Саст ӕрцыд Вавилоны сахар, фӕхудинаг ис Бел, афӕлдӕхтой Меродахы — фӕхудинаг сты йӕ хуыцаугӕндтӕ, ныппырх сты йӕ гуымирытӕ!“
Уӕ, мӕнӕ куыд бацахстой Шешах, ӕгас дунейы кад куыд басастой! Адӕмтыл тас бахӕцыд, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.
Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»
«Адӕймаджы фырт! Фехъусын кӕн рагуац: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: еххӕй кӕнут ӕмӕ дзурут: „Уӕ, сау бон!
Ӕмӕ уӕд Хуыцауы афтӕ бафӕндыд, цӕмӕй фӕзыной къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ ныффыссой мӕнӕ ацы дзырдтӕ:
ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.
Дӕ цӕф дын ничи сдзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ байгас уыдзӕн дӕ хъӕдгом. Дӕ фыдбылызы хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уый нымдзӕгъд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’нӕкӕрон ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи нӕ бавзӕрста, ахӕм нал баззад.
Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».
Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.