Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 51:59 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

59-61 Иудейы паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ӕм сӕйраг лӕггадгӕнӕгӕй куыста Махсейы фырты фырт, Нериайы фырт Серай. Пехуымпар Йеремиа, Вавилоныл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид — Вавилоны бӕстӕйы тыххӕй уӕлдӕр цы загъдӕуыд, уыдон иууылдӕр хицӕн чиныджы ныффыста ӕмӕ Серайӕн бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Вавилонмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ацы ныхӕстӕ иууылдӕр бакӕс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 51:59
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иуахӕмы нӕ фыдӕлтӕ уӕларвон Хуыцауы сӕхимӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ Уый Вавилоны паддзах, халдейаг Навуходоносоры къухтӕм радта. Уыйадыл Навуходоносор Хуыцауы хӕдзар фехӕлдта, адӕмы та Вавилонмӕ атардта.


Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта:


ӕмӕ сӕ радтон Нериайы фырт Барухмӕ, Махсейы фырты фыртмӕ. Уыцы рӕстӕг нӕ разы уыдысты мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл сӕ къухтӕ чи бафыста, уыцы ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, хъахъхъӕнджыты кӕрты цы иудейӕгтӕ бадти, уыдон иууылдӕр.


Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта.


Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:


Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ ссӕдз азы. Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг, йӕ ном — Хамутал.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ