Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 51:55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

55 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Вавилоны бӕстӕ сафтид кӕндзӕн, йӕ сӕрыстыр хъӕлӕс ын бамынӕг кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 51:55
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц, афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмыл ӕртыхсти — ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.


О Дунедарӕг, ахъаз бакӕн хӕларзӕрдӕтӕн ӕмӕ рӕстудтӕн!


Иу дзырд, иу ныхас, иунӕг мыр нӕ хъуысы,


Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.


О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн! О Дунедарӕг, фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ!


Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!


Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.


«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин.


Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты.


Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ.


уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ.


Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.


Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ — уыдон сты адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ