38 Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты.
Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.
Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!
Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл домбай кӕнӕ ’ндӕр тугдзых сырд. Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр.
Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.
Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый.