Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 51:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 51:33
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕнӕфсир тонын афонӕй раздӕр, сӕнӕфсиртӕ дидинӕг куы ракалой ӕмӕ сӕ гагатӕ рӕгъӕд кӕнын куы байдайой, уӕд сын ӕхсӕдӕн кардӕй ӕркӕрддзысты сӕ къабузтӕ, асӕтдзысты сын сӕ зӕнгтӕ ӕмӕ сӕ аппардзысты.


Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.


Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.


знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ.


Дӕуӕн дӕр, Иудӕ, сар дӕ сӕр кӕны, Ӕз Мӕ адӕмы уацарӕй фӕстӕмӕ куы раздахон, уӕд.


Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.


Фӕлӕ уыдон Дунедарӕджы хъуыдытӕ нӕ зонынц, Йӕ уынаффӕ сын зындгонд нӕу. Куыристӕ мусы куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, уыйау сӕ ацы ран кӕй сӕмбырд кодта, уый не ’мбарынц.


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Фыр мӕстӕй бассӕстай зӕхх. Дӕ маст ссыгъд — Дӕ къӕхты бын ныккодтай адӕмты!


Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хорӕфснайӕн афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: раздӕр уал мӕгъӕлдайы кой бакӕнут, бабӕттут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут, мӕнӕу та мын бафснайут мӕ хордоны“».


Цы знаг ӕй байтыдта, уый у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та — зӕдтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ