Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 51:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 51:29
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц: «Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у, паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,


Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззайдзӕн, ӕгасӕй дӕр сафтид уыдзӕн. Вавилоны рӕзты чидӕриддӕр фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм ын кӕсгӕйӕ.


Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн.


Вавилоны паддзах йе уӕнгтӕ ӕруагъта сӕ коймӕ, фыр рыстӕй арӕг усау ныхъхъӕрзыдта.


Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн.


Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.


Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.


Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ срӕвдз кӕнут адӕмты: Мидийы паддзӕхтӕ, сӕ барджынтӕ ӕмӕ сӕ сахарты хицӕутты, стӕй, сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ ис, уыдоны цӕрджыты.


Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис.


Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».


Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.


Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.


Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ