46 Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.
Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.
Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.
Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»
Зӕхх нынкъуысдзӕн се сӕфты уынӕрӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр Сырх денджызмӕ айхъуысдзӕн.
Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.
Вавилонӕй райхъуысдзӕн ӕрдиаг, халдейӕгты зӕххӕй — ӕбуалгъ сӕфты уынӕр.
Ныр дӕ сӕфты бон куы нынкъуысыдысты денджызгӕрон бӕстӕтӕ, ӕвирхъау тас сыл куы бахӕцыд дӕ сӕфты азармӕ кӕсгӕйӕ“».
Дӕ наутӕрджыты цъӕхахстӕй дӕ сыхаг адӕмтӕ ныккӕрздзысты.
Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.
Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн.