Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:42
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.


уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта, иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта, ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй, ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.


Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.


Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!


Фатӕхсджытӕ, ӕрхъула кӕнут Вавилоныл! Уӕ фӕттӕ йыл ӕнӕвгъауӕй ӕхсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын ис!


Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.


Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!


Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».


уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ.


Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ