39 Хъӕддаг куыйтӕ, быдираг сырдтӕ ӕмӕ дзы уыгтӕ ӕрцӕрдзысты. Уым адӕймаг никуыуал ӕрцӕрдзӕн, иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ ӕдзӕрӕг ранӕй баззайдзӕн.
Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.
Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.
Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис.
Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.