37 Йӕ бӕхты ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕтты, стӕй, йе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты ныхмӕ дӕр кард систӕуыд, ӕмӕ сылгоймӕгтау стӕппуд уыдзысты.
Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын.
Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.
Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.
стӕй, се ’хсӕн ӕцӕгӕлонӕй чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн; Уцы бӕстӕйы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; филистимаг зӕххы ӕппӕт паддзӕхтӕ — Ашкелон, Газӕ ӕмӕ Екрон, стӕй, Ашдоды цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн;
Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры хицауиуӕг чи кӕны, уыцы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;
Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.
Халдейӕгтӕн сӕ зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, се стигъджытӕ сӕхи бафсаддзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Алырдыгӕй йӕ ныхмӕ сыстут, йӕ хорӕфснайӕнтӕ йын байгом кӕнут! Цыдӕриддӕр ссарат, уыдонӕй-иу кӕритӕ скӕнут ӕмӕ сӕ фесафут, мацыуал дзы ныууадзут!
Бӕхӕй, бӕхджынӕй, уӕрдонӕй, бӕхтӕрӕгӕй, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕронд лӕгӕй, сывӕллонӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй — дӕуӕй-иу сӕ ныддӕрӕн кодтон.
Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.
Уадз, халдейӕгты зӕххыл мӕрдтӕ лӕзӕрой, ӕмӕ, фатӕй мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уыдон фӕндӕгтыл баззайой!
Эфиопи, Пут, Луд ӕмӕ Кувы цӕрджытӕ, стӕй иннӕ адӕмыхӕттытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ, фидыд кӕимӕ сарӕзтон, уыцы бӕстӕйы адӕм дӕр карды амӕттаг бауыдзысты мысырӕгтимӕ».
Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхтӕ, барджытӕ, ӕхсарджынтӕ ӕмӕ алы хӕстон адӕмы туг ӕмӕ фыдӕй“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.
Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.
паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.