Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Иудӕ ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц. Уацары сӕ чи акодта, уыдон сыл фидар хӕцынц, ауадзын сӕ нӕй сӕ зӕрды.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:33
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».


Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.


дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Сӕ фырттӕ раздӕры хуызӕн суыдзысты, се ’хсӕнад ӕрфидар уыдзӕн Мӕ разы. Ӕз сын се ’фхӕрджыты бафхӕрдзынӕн.


Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ