Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:32
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


Ӕз Дамаскы систыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Бен-Хадады галуантӕ аныхъуырдзӕн.


Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.


Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.


Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.


Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.


Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,


Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.


Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.


Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!


Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.


Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ