Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Вавилоны сахарӕй чи раирвӕзт, уыцы лигъдӕтты хъӕр хъуысы. Ӕмӕ ныр базондзысты Сионы, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ Кувӕндоны маст кӕй райста, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:28
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»


Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!


О мӕ адӕм, рацӕут Вавилонӕй! Дунедарӕджы стыр мастӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕнут!


Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.


Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон!


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ