Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 О Вавилон! Дӕ размӕ дын ахсӕн хыз сӕвӕрдтон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ. Баййӕфтой дӕ ӕмӕ дӕ ’рцахстой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ тох кодтай».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:24
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ къух систа, Ӕппӕтхъомысы ныхмӕ растади,


«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:


Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.


Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.


Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.


«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.


Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?


Ӕвирхъау тас, дзыхъхъытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, моавӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ