Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 50:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 50:17
38 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.


Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта.


Гъемӕ уыцы заман Вавилоны паддзах Навуходоносоры ӕфсӕдтӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодтой,


Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.


Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесер ӕрбацыд Ахазмӕ, фӕлӕ йыл, йӕ фарс рахӕцыны бӕсты, ӕрхъула кодта.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Димоны сахар цы доны был ис, уый туг фестади, фӕлӕ сыл Ӕз ноджы фыддӕр фыдбылыз бафтаудзынӕн: моавӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыцы бӕстӕйы ма чидӕриддӕр баззади, уыдоныл Ӕз се ’ппӕтыл дӕр сардаудзынӕн домбайы.


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Мӕ адӕм сдзӕгъӕл сты фыстау, сӕ фыййӕуттӕ сӕ раст фӕндагӕй аздӕхтой ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кодтой. Хӕхтыл ӕмӕ къуыбыртыл адзӕгъӕл сты, сӕ цӕрӕнбынат сӕ ферох ис.


Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты.


Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ ссӕдз азы. Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг, йӕ ном — Хамутал.


Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.


Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.


Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.


Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ