Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 49:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Ӕз, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты раз еламӕгтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцын кӕндзынӕн, фыдбылыз сыл бафтаудзынӕн, Мӕ судзгӕ маст сыл ныккалдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кардимӕ сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ сӕ бынтон фесафон, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 49:37
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.


Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»


Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй.


Цӕргӕс стӕхдзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Боцрайы сӕрмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн. Уыцы бон Едомы гуыппырсартӕ арӕг устытау нырриздзысты.


Йӕ хъару фесӕфти Дамаскӕн, лидзӕг фӕцис ӕмӕ йыл тас бахӕцыд; фыр рыстӕй арӕг усау хъӕрзы.


Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»


Ӕз мӕ паддзахы бадӕн Еламы ӕрӕвӕрдзынӕн, паддзах ӕмӕ уӕздӕтты ныццӕгъддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн.


Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


Йӕ алыварс цыдӕриддӕр ӕххуысгӕнджытӕ ис, уыдон ӕмӕ йын йе ’фсӕдтӕ ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн, фӕсте сӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн.


Ассирийы цыртытӕ — мӕрдтыбӕстӕн суанг йӕ тӕккӕ арфы, йӕ цырты алыварс — йе ’ппӕт ӕфсад; уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.


Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ