35 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Еламы ӕрдын ныссӕтдзынӕн — хъомысджын кӕй фӕрцы у, уый.
Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.
Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».
Еламаг хӕстонтӕ ӕрбабырсынц ӕд сагъадахътӕ, ӕд тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхӕфсад. Киры хӕстонтӕ дӕр сӕ уартытӕ исынц сӕ агъудтӕй.
Фатӕхсджытӕ, ӕрхъула кӕнут Вавилоныл! Уӕ фӕттӕ йыл ӕнӕвгъауӕй ӕхсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын ис!
Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ фатӕхсджытӕм фӕдзурут! Фатӕхсджытӕ, сахарыл ӕрхъула кӕнут, мачи дзы раирвӕзӕд! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын стӕрхон кӕнут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый хӕцыд Дунедарӕджы, Израилы Уаз Хуыцауы, ныхмӕ.
Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн.
Уыцы бон Ӕз Израилы ӕрдын ныссӕтдзынӕн Изреелы дӕлвӕзы».