Йеремиа 49:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст33 Хацор хъӕддаг куыйтӕн цӕрӕнбынат суыдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн, ӕмӕ дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕн. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.