29 Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»
Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.
Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.
Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.
Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.
Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
Мӕ цатыр — афтид, йӕ бӕндӕнтӕ иууылдӕр — скъуыд, мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, фӕцыдӕр сты. Ныр мын мӕ цатыр чи айтындздзӕн, чи йын ӕрцауындздзӕни йе ’мбӕрзӕнтӕ?
Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
Йӕ хъару фесӕфти Дамаскӕн, лидзӕг фӕцис ӕмӕ йыл тас бахӕцыд; фыр рыстӕй арӕг усау хъӕрзы.
Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн.
Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас!
Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.
Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты;
Уымӕн ӕмӕ мах Македонимӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд ӕппындӕр ӕнцой нӕ зыдтам, уынгӕджы бон ныл ныккодта: нӕ алыварс — тох, нӕ зӕрдӕты — тас.
Знӕгтӕ-иу ӕрбацыдысты ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ, мӕтыхтӕй-иу фылдӕр уыдысты. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ теуатӕн дӕр нымӕц нӕ уыди, ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕ сафтид кодтой.
Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц.
Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста.
Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон.