Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 49:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Дунедарӕг Кедар ӕмӕ Хацоры паддзахӕдты, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста, уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: — Сыстут ӕмӕ Кедары ныхмӕ схӕцут, ныгуылӕйнаг адӕмы сафтид кӕнут!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 49:28
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.


Измаелы хистӕр зӕнӕг — Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.


О, сау дӕн, уымӕ ма кӕсут — мӕ буар хурмӕ басыгъди. Ме ’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты: сӕ сӕндӕттӕм мын бафӕдзӕхстой зилын — мӕхи сӕндон нӕ бахъахъхъӕдтон!


Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.


Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!


Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!


Ацӕут-ма киттимӕгты сакъадӕхтӕм ӕмӕ фенут, басгарут-ма Кедары зӕхх ӕмӕ базонут, цымӕ ацы зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, ахӕмтӕ искуы ’рцыди?


Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры хицауиуӕг чи кӕны, уыцы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


Ӕз Дунедарӕгӕй фехъуыстон, адӕмтӕм кӕй рарвыстӕуыд минӕвары, цӕмӕй сын зӕгъа: «Ӕрӕмбырд ут, сыстут йӕ ныхмӕ, хӕстмӕ рацӕут!»


Хацор хъӕддаг куыйтӕн цӕрӕнбынат суыдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн, ӕмӕ дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕн.


Демӕ сӕудӕджер кодтой Арави ӕмӕ Кедары ӕппӕт ӕлдӕрттӕ. Уӕй дын кодтой уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ.


Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ