27 Ӕз Дамаскы систыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Бен-Хадады галуантӕ аныхъуырдзӕн.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта.
Дунедарӕг Израилы адӕмӕн ирвӕзынгӕнӕджы радта, ӕмӕ арамейӕгты ӕфсондзы бынӕй суӕгъд сты. Сӕ цӕрӕнты ӕдасӕй цӕрын райдыдтой, уымӕй размӕ куыд уыдис, афтӕ.
Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн.
Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.