Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 49:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕз та Исавмӕ ӕппындӕр ницыуал ныууадздзынӕн, йе ’мбӕхсӕнтӕ йын иууылдӕр байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бон бамбӕхсын не суыдзӕн. Йӕ фырттӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ цагъды фӕуыдзысты, йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 49:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.


Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.


Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!


Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.


Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!


Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.


Фӕлӕ Исавы ӕгасӕй дӕр басгӕрстӕуыд, йе ’мбӕхсӕнты йын фӕджигул кодтой!


Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Йаковы бауарзтон, Исав та Мын ӕнӕуынон сси».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ