Йеремиа 48:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст8 Дӕрӕнгӕнӕг алы сахармӕ дӕр бабырсдзӕн, иунӕг сахар дӕр нӕ аирвӕздзӕн. Бабын уыдзӕн дӕлвӕз, сафтид уыдзӕн фӕз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.