16 Моавӕн йе сӕфт ӕрӕввахс ис, фыдбылызтӕ йӕ размӕ бырсынц.
цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.
Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Раст уыныс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи цӕттӕ кӕнын Мӕ ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ».
Израилы адӕмӕн зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз кӕрон скӕндзынӕн уыцы ӕмбисондӕн, ӕмӕ йӕ ничиуал дзурдзӕн Израилы адӕмӕй“. Ноджы сын зӕгъ: „Алы цӕстылуайӕнӕн дӕр йӕ сӕххӕсты афон ӕрхӕстӕг.
Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.