Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 48:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 48:13
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»


Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,


Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн, аллайаг фӕуыдзысты ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты, афтӕмӕй бабын уыдзысты.


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕм Ӕз сӕндуцджытӕ арвитдзынӕн. Ӕндӕр ранмӕ йӕ сӕвгӕндзысты, йӕ мигӕнӕнтӕ йын сафтид кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ дурынтӕ ныппырх кӕндзысты.


Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй.


О Моав, додойаг фӕдӕ! Кемошы адӕм бабын сты! Дӕ фырттӕ бахаудысты уацары, дӕ чызджытӕй дын уацайрӕгтӕ скодтой.


Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.


Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ