Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 46:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 46:27
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Ныр Мӕм ӕрбайхъусут, Мӕ цагъартӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Израилы адӕм!


Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


«Ӕз сӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, кӕдӕм фӕсырдтон, уыцы бӕстӕтӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ногӕй ацы бынатмӕ раздахдзынӕн, ӕнӕмаст цардӕй сӕ схайджын кӕндзынӕн.


Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.


Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.


Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты.


Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр,


Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.


Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ