21 Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.
Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.
Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».
Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.
Уарзондзинад кӕм цӕры, уым сихорыл халсартӕ бахӕрын хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау — хӕрзхаст гал, ӕнӕуынондзинад кӕм цӕры, уым.
Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр, родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ. Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй, ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй.
Ӕз сӕ се знӕгты раз скӕсӕйнаг дымгӕйау ныххӕлиу кӕндзынӕн, бӕллӕхы заман сӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕ чъылдым».
Мысыры зӕхх ссыф-сыф кодта калмау: йе знӕгты ӕфсад ӕм ӕрбаввахс ис, ӕрбабырсынц фӕрӕттимӕ, хъӕддзаутау.
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ!
Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.
Мӕ бынтӕ Мын куы фӕдавтат, уӕд цинӕй мардыстут, уӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Родтау кӕрдӕгыл гӕппытӕ кодтат ӕмӕ уырсытау уӕ мыр-мыр цыди.
Йӕ галты йын иууылдӕр амарут, сӕргӕвдут сӕ! Додойаг фесты! Сӕ азары бон, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд!
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мӕхи ныххуырсдзынӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл, ӕмӕ йын ныппырх кӕндзынӕн йӕ цӕнгтӕ, йӕ дзӕбӕх цонг дӕр ӕмӕ йӕ саст цонг дӕр, ӕмӕ йӕ кард ӕрхаудзӕни йӕ къухӕй.
Израилы адӕммӕ де ’нӕуынондзинад ӕнусон кӕй у, уый тыххӕй сӕ ды сӕ бӕллӕхы, сӕ азары бон, карды амӕттаг бакодтай.
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.
Пылыстӕг сынтӕджытыл хуыссут ӕмӕ буц дарут уӕхи; уӕрыччыты, хӕрзхаст родты фыд хӕрут, дыууадӕстӕнонтыл цӕгъдут ӕмӕ зарут — Давид ма уӕ кӕцӕй аййафдзӕн! Стыр кӕхцытӕй сӕн нуазут, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхимӕ зилут, ӕмӕ уӕм Йосефы байзӕддӕгты сӕфт нымады дӕр нӕу!
Мӕ адӕмы ӕнамонды бон сӕ кулдуарӕй бахизын, се сӕфты бон сӕ фыдбылызтӕм кӕсын ӕмӕ дын сӕ исбоныл андзӕвын дӕр не ’мбӕлди.
Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.
Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.