19 Мысыры чызг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзаумӕттӕ, дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн ӕндӕр бӕстӕм лидзынмӕ! Ныддӕрӕн ӕмӕ сафтид уыдзӕн Ноф, цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Сӕхи сайынц Нофы барджынтӕ дӕр. Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты.
бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.
Дунедарӕджы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс, ацы хӕдзар Силомы хъысмӕт бавзардзӕн, сахар та сафтид уыдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ?» Адӕм иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йеремиайӕн стӕрхон кӕной.
Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».
Иудейӕгтӕй мысыраг сахартӕ Мигдол, Тахпанхес, Ноф ӕмӕ Патросы чи ’рцарди, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»
Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.
Дыууиссӕдз азы дӕргъы дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕни, налдӕр ыл адӕймаджы къах ӕрлӕудзӕн, налдӕр — фосы къах.
Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн.
Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.
Додой уӕ къона, фурды был цӕрджытӕ, критӕгтӕ! О Ханаан, филистимӕгты зӕхх! Дунедарӕг дын рахаста тӕрхон: «Фесафдзынӕн дӕ, иунӕг цӕрӕг дыл нал баззайдзӕн!