15 Цӕмӕн дын басастой дӕ тыхджыны, цӕмӕн фӕцудыдта сӕ разы? Дунедарӕг ӕй зӕхмӕ раппӕрста.
Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.
Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Зарӕг «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.
О Хуыцау, баххуыс мын кӕн! Мӕ улӕфӕнтӕм схӕццӕ ис дон.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».
Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
уӕд Уый уӕ цурӕй ацы адӕмты се ’ппӕты дӕр фӕсурдзӕн, уӕд басӕтдзыстут, нымӕцӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмты.