1 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын иннӕ адӕмты фидӕн базонын кӕна.
Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ. Гъе адон сты Йафеты байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон се ’ппӕт дӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».
Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты.
Дӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:
Дунедарӕг мын загъта:
Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:
Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:
Фӕлӕ кӕдмӕ ӕвзиддзӕн кардӕй, ӕгъатырӕй адӕмты кӕдмӕ цӕгъддзӕн?
Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:
Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.
Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейӕгты Хуыцау у, муртаттӕгты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртаттӕгты Хуыцау дӕр у.