Йеремиа 44:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Ӕмӕ ныр Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕхиуыл ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх цӕмӕн ӕфтаут? Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уӕхи цӕмӕн хауын кӕнут, уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕ сылгоймӕгтӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ ноггуырд сабиты цӕмӕн сафут, удӕгасӕй уӕ куыд мачиуал баззайа, афтӕ? အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.